25 Ӕргом ныхас зын уромӕн у, фӕлӕ уӕ уайдзӕфтӕ куы ницы марынц!
Фӕлтау куы ныхъхъус уаиккат, уӕд уый уӕ зондыл дзурӕг уаид.
Уӕдӕ мын сымах уӕ тутт ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ куыд фӕфидар кӕндзыстут? Уӕ ныхӕсты — ӕрмӕст мӕнгдзинад!»
Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут, уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?
ӕртӕ хӕлармӕ та уымӕн, ӕмӕ Иовы ныхмӕ исты сдзурынӕн аккаг ныхӕстӕ не ссардтой.
фӕцудӕгӕн ныфсы хос уыд дӕ ныхас, лӕмӕгъ къӕхтӕ-иу нал кодтой дыдӕгътӕ.
Зонд мын бацамонут, ӕмӕ мӕ дзых сӕхгӕнон, цы фӕрӕдыдтӕн, уый мын бамбарын кӕнут.
Мӕ ныхӕстӕм мын фау ӕрхӕссынмӕ хъавут? Ӕмӕ сӕ дымгӕйы хай куы бакодтат?
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас.