19 Дзӕгъӕлы сӕ фӕагурынц темайаг чырӕтӕ, сӕ зӕрдӕ сыл дарынц савайаг фӕндаггӕттӕ;
Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.
Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма.
Йокшанӕн райгуырдысты Сава ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддӕгтӕ: ассириӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леумӕгтӕ.
Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.
афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.
Уыдоны аххосӕй чырӕласджытӕ фӕдзӕгъӕл вӕййынц, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ мӕлӕт ссарынц.
Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!
Дойныйӕ мӕлӕг адӕмӕн раттут дон, Темайы цӕрджытӕ! Лигъдӕттӕн рахӕссут къӕбӕр!
Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;