15 Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц.
Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.
Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
Цады дон байсысы, цӕугӕдон бахус вӕййы, хуыскъ адаг фесты.
Фӕхицӕн мӕ кодта ме ’фсымӕртӕй, мӕ зонгӕтӕ мӕ сӕхи хизынц.
Ме ’рдхӕрдтӕ мыл ӕнӕввӕрсон систы, кӕй уарзтон, уыдон рацыдысты мӕ ныхмӕ.
Уыдон — ихы бын сау ӕрсдонау, йӕ мидӕг миты фӕзгъӕртӕ кӕмӕн ленк кӕны.
Дӕ азарӕй мӕ бахиз, Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ, Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм.
Ӕмбыд дӕндаг кӕнӕ къуылых къах — мӕнгардыл дӕр бӕллӕхы бон уыдонау зӕрдӕ дарӕн нӕй.
Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.
Цӕуылнӕ ӕрбайсӕфы мӕ рис? Цӕуылнӕ байгас ис мӕ хъӕдгом? Сдзӕбӕхы амал ын цӕуылнӕ ис? Ау, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл нӕй, ахӕм суадон, мӕнг донгуырӕн мын фестадтӕ?
Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!
иудейаг паддзахы галуаны ма цы сылгоймӕгтӕ баззад, уыдоны вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм акӕндзысты, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ дзурдзысты: „Де ’рдхӕрдтӕ дыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ дыл фӕуӕлахиз сты. Ныр цъымарайы куы ныссагъдтӕ, уӕд та лидзӕг фесты“.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.
Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.
Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.