8 Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцаумӕ у ме ’ргом, ӕмӕ мӕ хъаст Уымӕ хӕссын.
Дӕхи куы ӕрӕмбарай ӕмӕ Йӕм, лӕгъстӕгӕнгӕ, дӕ цӕнгтӕ куы ивазай,
Ӕз дӕр сымахӕй къаддӕр нӕ зонын, сымахӕй дӕлдӕр ницӕмӕй дӕн.
Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!
Ма тох кӕн Хуыцауимӕ, бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй схайджын уыдзынӕ.
Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.
Дӕ Хуыцауы зӕрдиагӕй куы агурай, Ӕппӕтхъомысӕй хатыр куы курай,
Мӕ тӕригъӕдты аныгъуылдтӕн, сӕ уаргъ сын хӕссын нал фӕразын.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.
Уӕдӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ хъизӕмар чи ӕвзары, уыдон сӕхи бафӕдзӕхсӕнт иузӕрдион Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕнт.