Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 5:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уымӕн ӕмӕ фыдбылыз сыджытӕй нӕ равзӕры, ӕмӕ бӕллӕх быдыры не ’рзайы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 5:6
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕйы бын фыдбылыз хӕссы, аргӕ бӕллӕх кӕны, йӕ мидӕг ӕрмӕстдӕр мӕнгарддзинад ӕвзӕры».


Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,


Минӕй ӕрхаудзысты Дӕ разы, дӕс мины та — дӕ рахизфарс, фӕлӕ ды баззайдзынӕ ӕвыдӕй.


Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.


Фарн дӕр ӕмӕ бӕллӕх дӕр Стыр Хуыцауы ныхасӕй не ’рцӕуынц?


Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон.


Уӕ хуымты йӕхи ’гъдауӕй цы ӕрзайа, уыдон-иу ма ӕркӕрдут; кӕй нӕ бахсӕстой, уыцы сӕнӕфсиры цупӕлттӕ дӕр-иу ма ӕртонут. Уыцы аз уӕд ӕнцойы аз зӕххӕн.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,


Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ