Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 5:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йе ’намонд цотӕн феххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕн, кулдуары раз сӕ исчи куы мара, уӕд дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 5:4
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».


Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.


Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк.


цыфӕнды бирӕ ма уӕд йӕ хъӕстӕ — кардылӕфтыд фӕуыдзысты, йӕ байзӕддӕгтӕ сыдӕй мӕлдзысты.


Кӕд дӕ цот Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой, уӕд сын сӕ тӕригъӕды аккаг фӕци.


Сионы хохы сӕрӕй дыл Дунедарӕг Йӕ арфӕ ӕруадздзӕн! Цӕрӕнбонты цин кӕндзынӕ Йерусалимы амондыл!


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Ӕдылы не ’ххӕссы уӕлзондмӕ, сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы.


Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.


Цы сахармӕ лидза, уымӕн-иу раздӕр йӕ кулдуары цур ӕрлӕууӕд ӕмӕ сахары хистӕртӕн йӕ хъуыддаг радзурӕд. Уый фӕстӕ-иу ӕй уыдон сахармӕ бауадзӕнт ӕмӕ йын уым цӕрӕнбынат раттӕнт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ