24 Базондзынӕ, дӕ цатырӕн ницы тас у, ӕркӕсдзынӕ дӕ бынӕттӕм — алцӕмӕй дӕр нывыл сты.
Арт ссудздзӕни йӕ дзӕгъӕл цатыры, йӕ хӕдзарыл судзгӕ сондон ныккӕлдзӕни.
Ахӕм фидӕн ис фыдгӕнӕджы уӕзӕгӕн, Хуыцауы кӕм нӕ нымайынц, уыцы бынатӕн».
Йӕ хӕдзарӕй рухсы цъыртт нал кӕлдзӕн, йӕ цырагъ бамынӕг уыдзӕн.
уӕд дӕм Уый ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, кӕд сыгъдӕг ӕмӕ раст дӕ, уӕд дӕ фарс рахӕцдзӕн ӕмӕ дын дӕ цард аккаг бынаты сбадын кӕндзӕн.
Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!
Дунедарӕджы ном кадджын уӕд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ!
Де знӕгтӕ, Дунедарӕг, Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты.
Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.
Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Давид ӕмӕ йӕ адӕм сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой: сахар арты хай баци, сӕ устытӕ ӕмӕ сын сӕ цоты та уацары акодтой.