20 Ӕххормаг заман дӕ мӕлын нӕ бауадздзӕн, хӕсты быдыры дӕ карды комӕй бахиздзӕн.
Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕмӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат.
Сынтытӕ йын уырдӕм ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр хастой дзул ӕмӕ дзидза. Кериты донӕй та Илийа саста йӕ дойны.
Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фенон Де ’Гъдауы диссӕгтӕ.
Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.
Ма мӕ фесаф ӕнӕхуыцӕуттимӕ, фыдбылызтӕ чи аразы, йӕ хионимӕ хӕларӕй чи дзуры, йӕхимидӕг та фыдвӕндтӕ чи тауы, уыдонимӕ.
Састзӕрдӕты фарсмӕ ’рбалӕууы Дунедарӕг, фервӕзын кӕны ныфссасты.
Мӕ азымыл сӕттын, мӕ тӕригъӕдыл фӕсмонӕй мӕлын.
«Байхъусут, Мӕ адӕм, Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон! Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн — Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау.
Дунедарӕг рӕстуды ’ххормагӕй нӕ ныууадздзӕн, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау сыдӕй куы мӕла, уӕд ыл Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.
Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.
Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.
Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,
Сымах хъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты кой. Ма тӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни.