Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 5:2
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!»


Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн цот ма скӕна.


Ныр ды фыр мӕстӕй дӕхи хӕрыс, ӕмӕ дӕу тыххӕй зӕхх хъуамӕ сафтид уа, айнӕг йӕ бынатӕй феггуырса?


О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?


Уыцы ран фыдгултӕн ныссаста сӕ зынг фӕттӕ, сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.


Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.


Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.


Мӕстыгӕр уадз ӕмӕ ’фхӕрд баййафа, куы йын ныббарай, уӕд ӕвзӕрдӕр уыдзӕн.


Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.


Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!


Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.


хиуарзон чи у, ӕцӕгады коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ тӕригъӕдмӕ ӕмхиц чи у, уыдоны та баййафдзӕни Йӕ азар.


Уыдоны хуызӕттӕ баирвӕзынц хӕдзӕрттӕм ӕмӕ сӕ уацары бакӕнынц, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн сбирӕ сты, йӕ монцты дӕлбар чи у, абон йӕ зӕрдӕ иу кӕмӕн домы, райсом — иннӕ, уыцы ӕнӕсӕрфат сылгоймӕгты,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ