17 Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.
Дӕхи куы ӕрӕмбарай ӕмӕ Йӕм, лӕгъстӕгӕнгӕ, дӕ цӕнгтӕ куы ивазай,
Ау, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд дын фаг нӕу? Ау, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ чысыл фехъуыстай ды?
Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы Уый фервӕзын кӕны фыдбылызӕй, йӕ бафхӕрды фӕрцы йын байгом кӕны йӕ хъустӕ.
Дӕу дӕр уынгӕг ранӕй бӕргӕ ракӕнид, де уӕнгтӕ парахатӕй куыд айтынг кӕнай; дзаг фынгыл дӕ ӕрбадын кӕнид.
Дӕ Хуыцауы зӕрдиагӕй куы агурай, Ӕппӕтхъомысӕй хатыр куы курай,
Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фенон Де ’Гъдауы диссӕгтӕ.
Ӕз Ефремы хъӕрзын хъусын: «Хивӕнд родау мӕ бафхӕрдтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфтон. Раздах мӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхон, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, мӕ Хуыцау!
Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.