Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 5:14
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ расыг лӕгтау, уырзӕй сгаргӕ, сӕудары, ӕнӕ рухсӕй фӕхилынц.


Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.


Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.


Саудалынджы ахӕсты фӕуыдзӕн, йӕ фӕстаг муртӕ ӕнӕхуысгӕ арты сау ӕвзалы фестдзысты.


Саудалынджы ницыуал уыныс, знӕт уылӕнтӕн сӕ быны фӕдӕ.


Рухсы знӕгтӕ ис се ’хсӕн, уыдон Ын Йӕ фӕндӕгтӕ нӕ зонынц, Йӕ цӕуӕнтыл нӕ цӕуынц.


ӕмӕ ӕнаккӕгтӕн сӕ рухс ахуысса, сӕ къух цӕвынӕввонгӕй саст ӕрцӕуа?


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Арвмӕ дӕ къухтӕ сдар, ӕмӕ Мысыры бӕстӕ ахӕм саудалынджы аныгъуылдзӕн, ӕмӕ адӕм, уырзӕй сгаргӕ, куырмӕджы цӕудзысты».


Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд.


ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.


Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.


Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ