Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Мӕнгӕрдты фӕндтӕ ӕрбайхалы, сӕ къухтӕ сын фӕцыбыр кӕны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 5:12
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕртыккаг бон Лаванмӕ хабаргӕнӕг фӕци, Йаков алыгъди, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ Уриа йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд. Бахсӕвиуат кодта паддзахы галуаны къӕсӕрмӕ, йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ.


Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


Уӕд Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Израилы паддзахмӕ барвыста, уыцы ранмӕ ма барӕди, уымӕн ӕмӕ йӕ сириӕгтӕ бацахстой, зӕгъгӕ.


Не знӕгтӕ куы фехъуыстой, сӕ фӕнд нын зындгонд у, уый, уӕд сын Хуыцау сӕ фыдвӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадын кодта, махӕй та алчидӕр фӕстӕмӕ къул аразынмӕ бавнӕлдта, йӕ куысты сӕр ӕрлӕууыди.


Мах нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕхсӕвӕй-бонӕй хӕстифтонгӕй лӕууыдыстӕм, цӕмӕй фыдгулӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм.


Дӕ тӕригъӕд дӕ ардауы афтӕ дзурыныл, ӕмӕ мӕнгард ныхас кӕныс.


Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн, мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ.


Кувын ӕз: «Куы фӕцудон, мыййаг, уӕд мыл мӕ фыдгултӕ ма ферайӕнт, сӕрбӕрзондӕй мыл ма худӕнт».


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕцӕгдзинад, ӕууӕнкхорӕн йӕ ныхӕсты мӕнгдзинад равдисы.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.


Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.


Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой!


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты.


Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр мӕ ӕцӕг уырны: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».


Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, ныууагътой Кеила ӕмӕ цыдысты, сӕ къах сӕ кӕдӕм хаста, уырдӕм. Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Кеилайӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд йӕ фӕнд аивта стӕры ацӕуыны тыххӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ