Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 42:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 42:8
33 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.


Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».


Хуыцау баххуыс кодта, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы левиттӕн, ӕмӕ Йын авд галы ӕмӕ авд фыры нывондӕн ӕрхастой.


Паддзахы бинонтӕ, стӕй Кувӕндон ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕрбакодтой авд галы, авд фыры, авд уӕрыччы ӕмӕ авд цӕуы. Ӕмӕ паддзах сауджынтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссой.


Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.


«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ исты фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы».


Ӕназым чи нӕу, уый дӕр фервӕзын кӕндзӕн, дӕ сыгъдӕджы хатырӕй фервӕздзӕн».


Ды дӕ тӕригъӕдӕй дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан, дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты ахады ӕрмӕстдӕр.


Теманаг Елифаз, шуахаг Билдад ӕмӕ наамайаг Цофар ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ айста Дунедарӕг Иовы куывд.


Суадӕттӕ ауадзыс дӕлвӕзты ӕмӕ атындзынц хӕхты ’хсӕнты.


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы адӕмы фарны сӕраппонд Мӕм ма кув.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Уыцы авд боны дӕргъы алы бон дӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинагӕн хӕссӕд ӕнӕсахъат авд галы ӕмӕ ӕнӕсахъат авд фыры, тӕригъӕды нывондӕн та сӕгъты дзугӕй — иу цӕу.


Балаам Балакӕн загъта: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».


Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.


Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.


Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.


уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнӕн нӕй.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Бардарӕджы номыл байсӕрддзысты оливӕйы сойӕ ӕмӕ йын скувдзысты.


Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.


Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.


Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Давид райста Авигеайы хӕссинӕгтӕ ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу дӕ хӕдзармӕ. Ӕз дӕм байхъуыстон, сӕххӕст дын кодтон дӕ курдиат».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ