2 «Зонын ӕй, Дӕ бон алцыдӕр у, цы Дӕ бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ сараздзынӕ!
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.
«Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад, ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа? Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!
Ӕмӕ Иов дзуапп радта Хуыцауӕн:
дӕтты сӕрмӕ айтыгъта зӕхх — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Ӕз бамбӕрстон: Хуыцау цы саразы, уый ӕнусон у. Йӕ хъуыддӕгтӕм Ын бафтауӕн ницы ис, аппарӕн дӕр афтӕ. Уыдӕттӕ аразгӕйӕ, Хуыцау тырны уымӕ, цӕмӕй Йын адӕм кад кӕной.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг рахаста тӕрхон — чи йӕ аивдзӕн? Уый систа Йӕ къух — чи Йын ӕй бауромдзӕн?
Ӕз райдианӕй нырмӕ дӕр гъе уыцы Хуыцау дӕн. Мӕ къухӕй никӕй бон бауыдзӕни байсын. Мӕ фӕнд дӕр никӕй бон у аивын».
Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».
«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уыцы заман дӕм фӕзындзӕни сау хъуыдытӕ, фыдвӕндтӕ.
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».
«Аввӕ, Мӕ Фыд, Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Фӕлӕ, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ — Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у».
Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,