17 Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.
Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.
Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.
Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.
Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.
цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон, йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.
Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.