Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 42:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 42:16
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Терах амарди Хараны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕмӕй.


Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы.


Исаак фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы.


Йаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы.


Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.


Йосеф амарди, дӕс ӕмӕ йыл фондзыссӕдз азы куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.


Дунетыл уыдонӕй рӕсугъддӕр сылгоймаг нӕ уыди, ӕмӕ сын сӕ фыд йӕ бынтӕй се ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ схай кодта.


Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.


Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны, уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы, афтӕмӕй бахус вӕййы.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.


Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.


Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Нуны фырт Йешуа, Дунедарӕджы цагъар, амарди. Цыди йыл дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ