15 Дунетыл уыдонӕй рӕсугъддӕр сылгоймаг нӕ уыди, ӕмӕ сын сӕ фыд йӕ бынтӕй се ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ схай кодта.
Иуы дзы схуыдта Емимӕ, иннӕйы — Кессиа, ӕртыккаджы — Керен-Гапух.
Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.
цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс, Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад.
«Раст зӕгъынц Цалфахады чызджытӕ. Скӕн сын хай сӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн ӕмӕ сын сӕ фыды хай ратт.
Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.
Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр фӕйнӕ ӕртӕ лӕджы равзарут. Ӕз сӕ арвитдзынӕн бӕстӕйыл ӕрзилынмӕ. Йӕ нывӕц ын биноныг ӕрфыссӕнт ӕмӕ бахынцӕнт, зӕххы хӕйттыл ӕй куыд адих кӕнӕн ис, уый, стӕй мӕм ӕрбаздӕхӕнт фӕстӕмӕ.