9 Иу дзы иннӕмӕ йӕхи нылхъывта, ӕддӕг-мидӕг ауадысты.
Йе ’хснырстӕй арв ферттивы, йӕ цӕстытӕ — сӕуӕхсиды ӕнгӕс;
Кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг сты, ӕмӕ сӕ астӕуты уӕлдӕф дӕр нӕ ацӕудзӕн.
Куыддӕр уыл уыцы бӕллӕх сӕмбӕла, афтӕ йӕ амӕттаг бауыдзыстут; цӕудзӕни уӕм ӕрвылрайсом, ӕхсӕв дӕр ӕнцой нӕ зондзыстут, фыр тӕссӕй риздзыстут йӕ койӕ дӕр.
Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты — стонг ӕмӕ фыдрынтӕ. Зӕххыл цӕудзӕн ӕвирхъау цаутӕ, стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ раргом уыдзӕн уӕларвӕй.
Ӕмӕ сӕрра уыдзынӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Израилы Ӕз ахӕм хъуыддаг саразынмӕ хъавын, ӕмӕ йӕ чи фехъуса, уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты.