23 Хуыдым рафыцын кӕны агау, фыцгӕ сойы аг фестын кӕны денджыз.
Дондидинтӕ йӕм аууон дарынц, донхӕристӕ йӕ бакӕнынц сӕ астӕу.
Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
Цӕхӕркалгӕ фӕд уадзы йӕ фӕстӕ, ӕгӕрон арф цыма урс фынг фестади, уыйау.
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.
Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау.