22 Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
Бӕхӕн хъару исты ды радтай, йӕ хъуыр ын ды сфӕлыстай барцӕй?
Дондидинты ӕхсӕн йӕ фӕллад уадзы, цъымарайы цъӕнуты фембӕхсы.
Ӕфсӕн лӕдзӕг хъӕмпыхалыл нымайы, арцы ӕхситт ӕм худӕгау кӕсы.
Хуыдым рафыцын кӕны агау, фыцгӕ сойы аг фестын кӕны денджыз.
Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.