21 Ӕфсӕн лӕдзӕг хъӕмпыхалыл нымайы, арцы ӕхситт ӕм худӕгау кӕсы.
Фаты тасӕй лидзӕг нӕ фӕуыдзӕн, дурӕхсӕны дуртӕ уымӕн зыгуымӕй уӕлдай не сты.
Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
Мӕн, Дӕ цагъары, хъахъхъӕнынц уыдон, се ’ххӕст кӕнын — ме стырдӕр хӕрзиуӕг.
Дунедарӕджы Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ царддӕттӕг у. Йӕ уагӕвӕрдтӕ раст сты, ӕнӕхинӕн уӕлзонд дӕттынц.
Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.
Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;