2 Уый смӕсты кӕнын чи бауӕнддзӕн, ныхӕй-ныхмӕ йӕм чи ӕрлӕудзӕн?
Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.
Мӕ размӕ чи ралӕууа, уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн. Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты.
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.
Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.