11 йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;
Мӕрдтыбӕсты дуар гом у Йӕ разы, Аваддонӕн Дзы бамбӕхсӕн нӕй.
Уымӕн Йӕ цӕст арвгӕронӕй дарддӕр ӕххӕссы, Уый арвы бын алцыдӕр уыны.
Дӕ рӕдыдыл дӕр куы нӕ сӕттыс, уӕд цы хорзмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсыс? Равзарын мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ дӕумӕ хауы, кӕд исты зоныс, уӕд дзургӕ кӕн.
Рӕстӕй куы цӕрай, уӕд дзы Уымӕн цы пайда ис? Дӕ бон ын раттын цы у?
йӕ фындзы хуынчъытӕй фӕздӕг кӕлы, цыма къонайы сӕрмӕ арт пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау;
Хӕхтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй сӕ ӕваст иуварс куыд ассоны, мӕстыйӕ сӕ куыд фӕфӕлдахы, уый ничи зоны.
Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.
Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.
О Хуыцау, ссыгъдӕг мын кӕн мӕ зӕрдӕ, раст уд мын сног кӕн мӕ мидӕг.
Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у,
Кӕнӕ Хуыцауӕн чи цы радта, цӕмӕй йын ӕй Хуыцау фӕстӕмӕ бафида?»
Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты».
Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, сты арв дӕр ӕмӕ уӕларв дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уыдон дӕр,
Афтӕмӕй ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы Фидыды Чырын уӕ разӕй ахиздзӕн Иорданыл.