4 Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?
Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:
Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.
Фӕлӕ адӕмы банымайыны фӕстӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти ӕмӕ Дунедарӕгӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд».
йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не ’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».
«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не ’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис.
Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.
Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн, дыууӕ лӕджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау.
Ӕрбакӕсут-ма мӕм — фӕтӕрсӕн мӕ нӕй? Уӕ армытъӕпӕнтӕй ныххӕцут уӕ дзыхтыл?
Ӕлдӕрттӕн-иу сӕ ныхас сӕ дзыхы нал бадти, адӕргӕй-иу сӕ дзыхтӕ сӕ къухтӕй амбӕрзтой.
Мӕ алы къахдзӕф дӕр Хуыцауӕн раргом кӕнин, Йӕ размӕ рацӕуин ӕлдарау.
Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, — ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм.
Ау, ды Мӕ тӕрхоныл дӕхи атигъ кӕндзынӕ, цӕмӕй дӕхи сраст кӕнай, уый тыххӕй Мӕн азымджын кӕндзынӕ?
Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын, фӕсмонӕй мӕхи хӕрын, фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».
Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, Де ’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».
Де ’дылы зонды тыххӕй схъӕлдзырд куы суай ӕмӕ фыдвӕндтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ дзыхыл дӕ армытъӕпӕнӕй ныххӕц,
Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.
Ныддӕлгом ис зӕххыл: «Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»
Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.
Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.
Фӕлӕ хъотыр рынчыны буарыл къахӕй сӕрмӕ, сауджынӕн дзы йӕ бон цас фенын у, уый бӕрц куы ахӕлиу уа,
Адӕмтӕ уый куы феной, уӕд, цыфӕнды хъомысджын куы уой, уӕд дӕр къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты; сӕ дзыхтӕ ахгӕндзысты къухӕй, сӕ хъустӕ бакъуырма уыдзысты.
Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд!
Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»
Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.
Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.
Уыдон ын загътой: «Ныхъхъус у, мацы дзур! Цом немӕ, сауджынӕй нӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн нын суыдзынӕ. Кӕмӕ хуыздӕр у сауджынӕй кусын: цавӕрдӕр лӕгмӕ йӕ хӕдзары мидӕг ӕви ӕнӕхъӕн хӕдзарвӕндагмӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иумӕ?»