22 Уынгӕг хъӕлӕсӕй дӕм сдзыназдзӕн, лӕгъстӕ кӕнынмӕ дын фӕуыдзӕн?
Йӕ фындзы йын къӕцӕл атъысдзынӕ, йе ’фсӕры йын къӕпсыр ныссадздзынӕ?
Демӕ баныхас кӕндзӕн, ӕнустӕм дын цагъарӕй ныллӕудзӕн?
Моавы адӕм сӕ фӕллой Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.
Кӕрдӕджы ӕхсӕнты сӕ сӕртӕ сдардзысты донбыл зайӕг гӕды бӕлӕстау.
Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау.
Фыццаг бон-иу райсут уӕ бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕй, стӕй пальмӕтӕ, сыфтӕрджын бӕлӕстӕ ӕмӕ донхӕристы къалиутӕ; авд боны дӕргъы цин кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.