Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 40:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 40:2
35 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!


Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!


Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы!


«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!


Удхаргӕнӕджы цӕмӕн хъӕуы рухс, удвӕллады та — цард?


Цӕмӕн рардӕуы уыцы лӕгӕн цард, Хуыцау Йӕхӕдӕг йӕ развӕндаг цӕлхдуртӕй кӕмӕн ӕхгӕны?


Ӕгъатыр сдӕ мемӕ, Дӕ хъомысджын къух мӕ не здахыс.


О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.


Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?


Дӕ астӕу ӕрбабӕтт лӕгау, дзуапп дӕттынмӕ ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын ды зӕгъ:


Уӕд Хуыцау Иовмӕ уадтымыгъӕй радзырдта:


Ау, ды Мӕ тӕрхоныл дӕхи атигъ кӕндзынӕ, цӕмӕй дӕхи сраст кӕнай, уый тыххӕй Мӕн азымджын кӕндзынӕ?


Денджыз дӕн ӕви фурды залым дӕн, мыййаг, хъахъхъӕнджытӕ мын цы сӕвӕрдтай?


Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?


Цыдӕриддӕр хъуамӕ ӕрцӕуа, уый ныридӕгӕн бӕлвырд у; адӕймаг цы у, уый дӕр зындгонд у — йӕхицӕй тыхджындӕримӕ хӕцын йӕ бон нӕу.


Кӕимӕ уынаффӕ кӕны, чи Йын амоны зонд, раст фӕндагыл Ӕй чи аразы? Чи Йын дӕтты зонындзинӕдтӕ, уӕлзонды фӕндаг Ын чи амоны?


Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг, мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн. Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс мӕныл дау кӕнынмӕ? Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз? Рацӕуӕд-ма!


О Вавилон! Дӕ размӕ дын ахсӕн хыз сӕвӕрдтон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ. Баййӕфтой дӕ ӕмӕ дӕ ’рцахстой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ тох кодтай».


«Израилы зӕххыл ахӕм ӕмбисонд цӕмӕн дзурут: „Туаг сӕнӕфсир фыдӕлтӕ хордтой, цъӕхдӕндаг та сӕ цот фесты“?


ӕмӕ, сӕ мызд куы райстой, уӕд сӕндоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын:


Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ