9 уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц.
Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».
Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Сау бон ыл акӕндзӕн, йӕ талатӕ арты бавзалы уыдзысты, Хуыцауы комытӕфӕй ӕрбайсӕфдзӕн.
Бакӕс-ма йын йӕ сӕвджын синтӕм, йӕ гуыбыны хъӕддых нуӕрттӕм!
Йе стджытӕ — ӕрхуы хӕтӕлтау, йӕ къӕхтӕ — ӕфсӕн лӕдзджытау.
Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, ӕхсызгон уӕнт Дӕуӕн, Дунедарӕг! Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.
Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты денджызы уылӕнтӕ, хъен слӕууыдысты сисау, сурзӕхх фестади хуыдым.
Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!
Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.
Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.
Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох кӕндзынӕн Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ кардӕй.