6 Хуыцауы тас дын ӕнцой хъуамӕ ма дӕттид, дӕ фӕндӕгты ӕнаипдзинад — фидар ныфс?
«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд.
Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ? Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?
Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?
Ма мӕ фесаф ӕнӕхуыцӕуттимӕ, фыдбылызтӕ чи аразы, йӕ хионимӕ хӕларӕй чи дзуры, йӕхимидӕг та фыдвӕндтӕ чи тауы, уыдонимӕ.
Хуыцауы тас — фидар мӕсыг, Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.
уымӕн ӕмӕ ныфсджын уыдзынӕ Дунедарӕгӕй, нӕ дӕ бауадздзӕн къӕппӕджы бахауын.
Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.