4 фӕцудӕгӕн ныфсы хос уыд дӕ ныхас, лӕмӕгъ къӕхтӕ-иу нал кодтой дыдӕгътӕ.
Чи мӕм хъуыста, уыдон мӕ стыдтой, чи мӕ уыдта, уыдон мӕ ’ппӕлыдысты,
Ӕз сын фӕндаг амыдтон, цыдтӕн сӕ разӕй, раст цыма паддзах — йе ’фсадимӕ, хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.
Бирӕтӕн-иу дӕхӕдӕг зонд амыдтай, цы къухтӕ-иу ӕрлӕмӕгъ сты, уыдон-иу фӕфидар кодтай,
Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс; фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд, ӕмӕ катайы бацыдтӕ.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ — уыдоны ’нгӕс у афоныл загъд ныхас.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.
Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.
Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй,
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ.