21 Сӕ уды таг ӕрбаскъуыйы, уӕлзондмӕ нӕма сӕххӕссынц, афтӕмӕй“.
Ахӕм фидӕн ис фыдгӕнӕджы уӕзӕгӕн, Хуыцауы кӕм нӕ нымайынц, уыцы бынатӕн».
Зонд кӕстӕр ӕмӕ хистӕрӕй нӕу, хъуыддаг раст ӕрмӕстдӕр карджын нӕ равзары.
Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой, уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты, се ’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.
Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».
Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Иудадзыг де ’фсымӕрыл дамтӕ мысыс, хахуыр кӕныс дӕ мадызӕнӕгыл.
Зондамонӕг ын нӕ фӕцис, ӕмӕ фесӕфы, йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндагыл адзӕгъӕл вӕййы.
Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц: «Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у, паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,
Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?
Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“
Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.