Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 4:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Цы загъдӕуа уӕд, сӕ бындур зӕххы рыг кӕмӕн у, ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты чи цӕры, рӕмпӕгӕй ӕнцондӕр ӕртъӕппгӕнӕн кӕй ис!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 4:19
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин:


Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Цыма ӕлыг дӕн, уыйау мӕ куыд арӕзтай, уый Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн — ныр мӕ фӕстӕмӕ рыг куыд хъуамӕ фестын кӕнай?


Уӕ ныхӕстӕ рыгӕй уӕлдай не сты, ӕлыгӕй конд уартыл уӕ зӕрдӕ ма дарут.


Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.


Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.


Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.


Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».


Ӕппӕтхъомысы раз ӕз ӕмӕ ды иухуызон стӕм, ӕз дӕр дӕуау ӕлыгӕй конд дӕн.


Уый банымайы стъалытӕ, алкӕй дӕр дзы хоны йӕ номӕй.


Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ