14 фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты:
Науӕд та адӕймагӕн низы фӕрцы бамбарын кӕны, бабӕтты йӕ хуыссӕнмӕ, йе стджыты рыст нал фӕуромы,
Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй
мӕ цӕсгомы рӕзты атахти цыдӕр мон, ӕмӕ мӕ сӕры хъуын арц сбадти.
Фӕлӕ мӕ фыдфынты хай фӕкӕныс, ӕбуалгъ нывтӕ мын мӕ цӕстытыл бафтауыс.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Зӕд мын загъта: «Даниил, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы! Сыст ӕмӕ лӕмбынӕг байхъус мӕ ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр дӕумӕ ӕрвыст дӕн». Куы мӕм сдзырдта, уӕд сыстадтӕн, фыр тӕссӕй зыр-зыр кодтон.
Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.
Захариа йӕ куы ауыдта, уӕд стыр дисы бафтыд ӕмӕ тынг фӕтарсти.
Мариа тынг бадис кодта ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылд, уӕдӕ уыцы ныхӕстӕ цы амонынц, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,