12 Раргом ис сусӕг дзырд мӕ удӕн, мӕ хъустӕ мынӕг ныхас ӕрцахстой.
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз мӕхи цӕстӕй федтон, алцы ӕз мӕхи хъусӕй фехъуыстон ӕмӕ алцыдӕр бамбӕрстон.
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Фыны, ӕхсӕвыгон тарф фынӕй куы бавӕййы адӕймаг йӕ хуыссӕны,
кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!
Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.