10 Ӕрбацыдӕр вӕййынц домбайы рыхын, знӕт домбайы хъӕлӕс, ӕвзонг домбӕйтты ссыртӕ.
Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон, йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.
Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.
Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!
Ӕрвылизӕр фӕзынынц, сахары алыварс зилынц куыйтау.
Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.