8 Къуылдымтыл хизы йӕхицӕн, тихалӕг дӕр дзы нӕ ирвӕзы.
Сахары дзолгъо-молгъо уымӕ худӕгау кӕсы, бӕхтӕрӕджы хъӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕны.
Хъӕддаг гал дын лӕггад кӕнын бакомдзӕн? Дӕ кӕвдӕсы цур бахсӕвиуат кӕндзӕн?
Хизы хӕхты, хъӕддаг сырдты хӕтӕнты.
Искуыдӕр ма хъӕддаг хӕрӕг хизгӕ-хизын фӕуасы? Искуыдӕр ма гал йӕ кӕвдӕсы раз богътӕ фӕкӕны?
Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцыйы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый ӕнӕсыгъдӕг суыдзӕн. Дзулфыцӕн дурын кӕнӕ къона хъуамӕ хӕлд ӕрцӕуой. Фӕчъизи уыдзысты, ӕнӕсыгъдӕгыл сӕ нымайут.