25 Сыкъауадындзы уастмӕ ныммыр-мыр кӕны, дардмӕ дӕр хӕсты уынӕр хъусы.
йӕ къӕхты бын зӕхх нынкъуысы, сыкъауадындзы уастмӕ размӕ куы фӕцагайы, уӕд.
Дӕ фӕндӕй тӕхы уари, хуссайраг дымгӕмӕ йӕ базыртӕ куы айтындзы, уӕд?
Айнӕг къӕдзӕх мын басгуых — мӕ сӕр-иу кӕм бафснайон. Фервӕзын мӕ кӕн: Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар.
«Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, —
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ,
Фыййӕуттӕм Мӕ маст ссыгъди, бафхӕрдзынӕн бодзты. Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕрымысдзӕн Йӕ дзуджы — Иудӕйы байзӕддӕгты. Йӕ хӕстон бӕхтау сӕ тохмӕ ӕрцӕттӕ кӕндзӕн.