21 Цингӕнгӕ йӕ сӕфтджытӕй зӕхх хойы ӕмӕ тохмӕ бырсы риуӕмбӕрцӕй;
худӕг ӕм кӕсы тас, кард дӕр ӕй нӕ уромы;
Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уыдон дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’ппӕт фӕндтӕ дӕ къухы цы бафтой, уыцы ахъаз дын бакӕнӕд!
Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты.
Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Уӕ, сӕ бӕхтӕ куы фезгъорынц знӕгтӕн!
Филистимаг ӕй куы федта, уӕд ыл бабылысчъил, уымӕн ӕмӕ Давид уыдис ӕрыгон лӕппу, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд.