20 Мӕтыхау ӕй размӕ згъорын ды сахуыр кодтай? Йӕ хуыррыттӕй алчи зӕрдӕдзӕф куы кӕны!
Бӕхӕн хъару исты ды радтай, йӕ хъуыр ын ды сфӕлыстай барцӕй?
Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».
Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.