41 Сынтӕн чи ’рцӕттӕ кӕны холлаг, стонгӕй йӕ лӕппынтӕ сӕхи раппар-баппар куы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыр тыхстӕй Хуыцаумӕ куы фӕхъӕр кӕнынц, уӕд?
Ноджы ма демӕ райс алы хойраг — дӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр».
Ӕндӕр адӕмтӕн ахӕмӕй ницы бакодта, нӕ Йын зонынц уыдон Йӕ уагӕвӕрдтӕ. Алелуйа!
Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?
Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, афтӕмӕй сӕ Хуыцау ӕфсады. Сымах та мӕргътӕй цас зынаргъдӕр стут!