39 Исты мадӕл домбайӕн йӕ амӕттаджы ды ’рцахсыс ӕмӕ йын йӕ лӕппынты ды бафсадыс,
ӕмӕ зӕххы уӕлцъар ныхъхъӕбӕр уа, цъыфы къуыбӕрттӕ бандӕдзой кӕрӕдзиуыл?
Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары, йе ’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,
Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
Хуыснӕг, ӕрмӕст йӕ гуыбын бафсадыны тыххӕй исты куы адавы, уӕд ын карз тӕрхон нӕ фӕкӕнынц.