35 Арвӕрттывд, кӕдӕм ын зӕгъай, уырдӕм ныййарц уыдзӕн, зӕгъдзӕн дын, цӕттӕ дӕн, зӕгъгӕ?
Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт рацӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Ӕмӕ арвӕй арт рацыди ӕмӕ йын бавзалы кодта йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр.
Арвӕй ӕрцыди арт ӕмӕ дыууӕ фӕндзайыхицауы ӕд хӕстонтӕ бавзалы кодта. Ӕз де уазӕг, ма мӕ бабын кӕн!»
Уый Йӕ армы арвӕрттывд дары, кӕдӕм цӕвын хъӕуы, уый йын амоны.
арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад, зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц Йӕ судзгӕ фӕттӕ.
Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у.
Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»
«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.
Уӕд Дунедарӕджы цурӕй рацыди арт ӕмӕ сӕ басыгъта — Дунедарӕджы раз бабын сты сӕ дыууӕ дӕр.
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта.
ӕмӕ Саул загъта: «Байхъус-ма, Ахитувы фырт!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ паддзах».