3 Дӕ астӕу ӕрбабӕтт лӕгау, дзуапп дӕттынмӕ ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын ды зӕгъ:
Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Уӕд-иу мӕм фӕсид, ӕмӕ Дын дзуапп ратдзынӕн, кӕнӕ мын ратт ныхасы бар, ӕмӕ мын дзуапп дӕтт Дӕхӕдӕг.
Фӕлӕ Хуыцауӕн зонд чи амоны, Уый уӕларвонтӕн дӕр куы нӕ бары, уӕд?
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
хирвӕссонмӕ ’ркӕс ӕмӕ йӕ басӕтт, ӕнаккӕгты та уыцы тӕккӕ уысм ныссӕнд.
Уӕдӕ ӕрыхъус, цы зӕгъдзынӕн, уымӕ, ӕз Дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын дзуапп ратт.
Хӕрут ронбастӕй, уӕ къахыдарӕс — уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ — уӕ къухы, афтӕмӕй. Хӕрут-иу тагъд-тагъд — уый Дунедарӕджы Куадзӕн у.
Йӕ синтӕ ’рбатухы хъаруйӕ, йӕ къухты ис тых.
Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.