28 Къӕвдайӕн фыд ис? Чи у йӕ ныййарӕг ӕртӕхӕн?
Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!
Исаак ын загъта: «Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.
О Гилбоайы хӕхтӕ! Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада, къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа, уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной — уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт — Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис!
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты, мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,
Уый ӕрӕмбырд кӕны доны ’ртӕхтӕ, ӕмӕ сӕ къӕвдайы ’ртӕхтӕ фестын кӕны.
Ӕврӕгътӕй ӕркӕлынц, сахайӕ адӕмы ныххуылыдз кӕнынц.
Денджызы дуӕрттӕ чи сӕхгӕдта, зӕххы арфӕй йӕхи куы срӕмыгъта, уӕд;
Уый Йӕ ныхас загъта Йаковӕн, Йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ — Израилӕн.
Йӕ уӕлзондӕй байгом вӕййынц ӕнӕбын ӕрфытӕ, ӕврӕгътӕй ӕрлӕдӕрсы ӕртӕх.
Уый куы фӕзӕгъы, уӕд къӕвда рауары, зӕххы кӕрӕттӕй мигътӕ сисы. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Уый рарвиты ӕрвӕрттывдтӕ, Йе ’вӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ.
Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.
Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“.
«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.
Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.
Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.
Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.
Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй;
Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.