24 Арвӕрттывды фӕндӕгтӕ кӕм сты, скӕсӕйнаг дымгӕ зӕхмӕ кӕуылты тӕхы?
Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта — рухс ӕмӕ тары астӕу.
бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?
Чи сарӕзта сахкъӕвдатӕн донгӕлӕнтӕ, нӕргӕ уадтымыгъӕн — фӕндӕгтӕ,
Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди.
Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».
Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.