2 «Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?
Мӕныл дӕр сымахау сӕр ис, ӕмӕ ӕз дӕр сымахӕй ницӕмӕй дӕлдӕр дӕн, стӕй ӕппӕт уыдӕттӕ чи нӕ зоны?
Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
Цыбырзондӕн цы бауынаффӕ кодтай? Уӕззаузондӕй йын цы бацамыдтай?
Хуыцауы къух цы у, уый уын ӕз бацамондзынӕн, Ӕппӕтхъомысы тыххӕй уӕ ницы басусӕг кӕндзынӕн.
„Иов йӕхӕдӕг дӕр, цы дзуры, уый нӕ зоны, ӕнӕсӕрфат сты йӕ ныхӕстӕ“.
Уӕдӕмӕ дзӕгъӕлдзырд кӕны Иов, ӕмбаргӕ ницы кӕны, афтӕмӕй бирӕ дзуры».
Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.
Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц, стӕй, цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр.