10 йӕ арӕнтӕ йын куы сбарстон ӕмӕ йын кулдуар куы сӕвӕрдтон ӕвдузӕнтимӕ;
уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг.
Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта — рухс ӕмӕ тары астӕу.
загътон ын: „Ардӕмты дын бар ис, дарддӕр та нӕ, дӕ сӕрыстыр уылӕнтӕн ацы ран у сӕ арӕн“.
мигъты йӕ куы батыхтон ӕмӕ йӕ тарӕй куы бамбӕрзтон;
Йӕ хъуыры кондыл бӕрӕг у йӕ хъару, йӕ бакастӕй тас ӕфтауы.
Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.
Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.
дӕттӕн сӕ бон ахизын кӕй сӕрты нӕ уыд, денджызӕн ахӕм арӕн куы скодта, зӕххӕн бындуртӕ куы ӕвӕрдта,
Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.