Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 37:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 37:5
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?


Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.


Фӕлӕуу, Иов, ӕрбайхъус, Хуыцауы диссӕгтыл ахъуыды кӕн!


Зоныс, мигътӕ арвастӕу куыд лӕууынц? Уый алцыдӕр зоны ӕххӕстӕй, диссаг сты Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,


Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс, Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны — алы ранмӕ дӕр хъуысы.


Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.


Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.


Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ адӕймаджы зонд нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон нӕй!


Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Скуывтон Дӕм, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кодтай.


Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.


Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ