4 Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс, Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны — алы ранмӕ дӕр хъуысы.
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
къӕвдатӕн — кӕм уаргӕ сын у, уый, арвӕрттывдӕн фӕндаг куы амыдта,
Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй,
арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад, зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц Йӕ судзгӕ фӕттӕ.
Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ.
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.
Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной, уӕд бацин кӕндзысты. Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй.
Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.