Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 37:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Цӕгатӕй фӕзыны сыгъзӕрин цӕхӕр — Хуыцауы диссаджы рӕсугъддзинад тасы ӕфтауы!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 37:22
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис.


Никӕй бон у хурмӕ кӕсын, арвыл тӕмӕнтӕ куы фӕкалы, дымгӕ мигътӕ куы асуры, уӕд.


Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.


Бакӕс-ма бегемотмӕ: уый дӕр дӕу хуызӕн сфӕлдыстон, галау кӕрдӕгыл хизы.


Сыстаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном, адӕмты ’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Тӕхудиаг у, Йаковы Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи дары.


Мӕ уд мын ракодтай мӕрдтыбӕстӕй, райгас мӕ кодтай, ингӕнмӕ куыннӕ ныххизон, афтӕ.


Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.


Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!


Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл.


Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы, нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.


О, алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фидӕг Хуыцау! О Дунедарӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи!


Цӕгатаг дымгӕ йемӕ ’рбахӕссы къӕвда, мӕнгдзурӕджы ’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.


Цӕут ӕмӕ бамбӕхсут къӕдзӕхты скъуыдты, зӕххы рыджы нынныгъуылут Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ.


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.


Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс


Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.


Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ