Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 37:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, — ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 37:19
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕныл дӕр сымахау сӕр ис, ӕмӕ ӕз дӕр сымахӕй ницӕмӕй дӕлдӕр дӕн, стӕй ӕппӕт уыдӕттӕ чи нӕ зоны?


Фӕлӕ мӕн фӕнды Ӕппӕтхъомысимӕ дзурын, мӕн фӕнды Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын!


Ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъын, уымӕ ӕмӕ ахъуыды кӕнут мӕ ныхӕстыл.


Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


Йемӕ мӕ ныхас кӕнын кӕй фӕнды, уый йын ӕз куыд фехъусын кӕнон — мӕхимӕ мӕ къух исын?


«Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?


Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?


Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.


Уӕд Ын ӕз та цы дзуапп хъуамӕ раттон, цавӕр ныхӕстӕ Йын хъуамӕ ссарон?


Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.


Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс! Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон Дӕ ном фауынц.


Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.


Абон мах кӕсӕм, рӕстмӕ кӕм ницы уынӕм, ахӕм айдӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та кӕсдзыстӕм лӕгӕй-лӕгмӕ, комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ